Архонкæйы цæрджытæ æрвылаз дæр тынг хъæлдзæгæй фæбæрæг кæнынц зæронд Ног азы бæрæгбон. Сæхи йæм тынг бæстонæй бацæттæ кæнынц. Æрæвæрынц дзаджджын фынгтæ. Архонкæйы цæрджытæ æххæст кæнынц, 1938 азы цы æгъдау ныффидар ис, уый. Адæм стырæй-чысылæй сæхи сфæлындынц алыхуызон цымыдисаг уæлæдарæсы æмæ кафгæ, заргæ рагуылф кæнынц уынгтæм. Уыцы бон хæдзары бадын не ʹмбæлы. Æнæмæнг, скæнынц арт. Афтæ сæм кæсы æмæ фыдбылызтæ арты басудздзысты, фæндтæ та сæххæст уыдзысты. Ацы хатт арт ссудзыны бæрнон хæс сæвæрдтой, карджын уæвгæйæ нырма лæппуйæ сæрæндæр чи у, уыцы Николай Коломыцыл.
Архонкæйы цæрæг Николай Коломыц: «Фæнды мæ, цæмæй ацы бæрæгбон ма ацæуа нæ цардæй, ма фесæфа. Уымæ гæсгæ скæнæм арт. Уый æрмæст хъармы нысан нæу. Йæ фæрцы фыдбылызтæ йемæ басудзæм. Уый бæрц адæм та дзы æрымбырд ис уый тыххæй, æмæ сæ фæнды арты хъармæй иу гыццыл хай семæ айсын. Уый фæстæ æхъæлмæ кæсын райдайынц иннæ ног азы бæрæгбонмæ».
















