“Смартфоны лентæ ӕнӕкӕрон разил-базилӕй хуыздӕр цы ис? Дӕ тыллӕг куыд рӕзы, уый уынын!”— зæгъынц Змейкӕйы дыккæгæм скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ. Ахуыр кӕнынц “удæгас” наукӕ — агрономи. Сæ кабинет у ӕцӕг лабораторийау. Ам, армытъæпæныл æвæрдау, уынынц зайӕгойты цард: мыггӕгтӕй рӕгъӕд халсарты онг.
Биологи сын хуымӕтӕджы теори нал у. Кабинетӕй нӕ рахизгæйæ, иртасынц фурды цард дӕр. Аквариум — фыццаг зонадон наукон проектты бындур: кӕсӕгты уагахаст раиртасынӕй буаргъӕдты зилдухы онг. Фæсивæд доны хӕрзхъӕддзинад сӕхӕдӕг бӕрӕг кӕнынц, аквариумы “цӕрджытӕн” хӕринаг дӕттынц.
Фӕлӕ агрокъласонты ӕппӕты фыццаг цӕрӕгой у уӕртджын хӕфс Мася. Уроктӕм никуы байрӕджы кӕны — раст биологийы кабинеты кӕй цӕры, уый тыххӕй.
Ацы эксперимент та райдыдта 21 боны размӕ. Ӕппӕт уыцы рӕстӕг ахуырдзаутӕ хуымӕтӕджы нӕ ахуыр кодтой, фӕлӕ дардтой цӕстдарыны боныг. Инкубатор хъомыл кӕны бӕрнондзинад —скъоладзаутӕ зонынц, зӕгъӕм, дон баивын куы ферох кӕной, уӕд мидӕгӕй цард бауромдзæн.
Черныш ӕмӕ Цыполеттæ дунемӕ нырма знон фӕзындысты, фӕлӕ скъолайы сӕйраг стъалытӕ систы. Ныр фæсивæдæн сӕ размӕ ног хӕс — базырджын “ӕмкъласонтæм” зилын. Змейкӕйы дыккаг скъолайы 2 агротехкълассы ис — ӕвдӕм ӕмӕ фарӕстӕм. Ардӕм ӕдзух цӕуынц Хӕххон паддзахадон агроуниверситеты специалисттӕ.
27 агротехкъласы республикӕйы 18 скъолайы — уыдоны ис æвдæм-фарæстæм кълæсты 460 ахуыргӕнинаджы. Семæ архайынц 70 ахуыргӕнӕджы бӕрц æмæ проекты фӕлгӕты исынц уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ.
Куыст ӕххӕст кӕнынц федералон проект “Кадры в АПК”-йы фӕлгӕты, регионы Хъӕууон хӕдзарады министрады, стæй Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады ӕххуысӕй. Æдæппæтæй бæстæйы хъуамæ 18 мин агротехкъласы байгом уа.
7 скъолайы ӕвӕрд ӕрцыд 5 милуан сомы аргъæн ифтонггарз. Уыцы ӕнцойгӕнӕн фӕзты ис цыхтахсӕнтӕ, микроскоптӕ ӕмӕ квадрокоптертӕ. Суазæг кæнынц агротехкълæстæ ӕндӕр ахуырадæттæй дæр.
















