Горæты Дзæуджыхъæуккаг уынджы бирæфатерон хæдзæрттæй иуы зынгсирвæзт æрцыд, газы хæтæл кæй аскъуыд, уый аххосæй.
Æнæнхъæлæджы уавæрты разамынды пресс-службæйæ нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй зынгсирвæзты аххосаг сбæрæг кодтой сæрмагонд лабораторийы эксперттæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 6-æм февралы 9 сахатыл æмæ 40 минутыл бæстыхайы дыккæгæм уæладзыджы ссыгъдис хæрæндон. Зынгсирвæзты фæзуат уыд 20 квадратон метры. Зынгхуыссынгæнджытæ арты цæхæрæй фервæзын кодтой 4 адæймаджы.
Се ‘хсæн – сывæллон дæр. Уымæй уæлдай ма æдас ранмæ ракодтой 19 адæймаджы. Хъыгдард ничи баййæфта.
















