Æфсæддон дохтыры куыст граждайнаг дохтыры куыстæй зынгæ хицæн кæны. Хæсты быдыры уавæртæ æмæ психологон цæттæдзинад дæр алыхуызон вæййынц. Дохтырты куыст дзы службæйыл нымад цæуы. Се *рвылбоны архайдыл, хæст зондахаст æмæ фæлтæрддзинад куыд аивы, ууыл ныхас кæнæм «Йæ рæстæгыл».
110 азы сæххæст Ирыстоны адæмон фыссæг, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг, Хетæгкаты Къостайы Премийы лауреат Цæгæраты Максимы райгуырдыл. Фидæны фыссæг цард æмæ ахуыр кодта Алагиры. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ахайæг, ирон театры кусæг, журнал Мах дуджы редактор, республикæйы культурæйы министр, фысджыты правленийы сæрдар. Ахæм уыд йæ фæллойадон фæндаг. Цавæр уыд йе сфæлдыстадон архайд та?
Уæрæсе æмæ Китайы `хсæн ахастытæ фидардæр кæнынц æппæт къабæзты. Ууыл дзурæг у, Китайы уырыссаг æвзаг сахуыр кæнын кæй бафæндыд, уыдон 7% фылдæр кæй фесты, уый дæр. Рæзынц культурон бастдзинæдтæ. Æрæджы уыд 16-æм æппæтдунеон фестиваль «Уæрæсейаг-китайаг культурæ æмæ аивады армукъа». Скодтой йæ Амуры донгæрæтты Благовещенск æмæ китайаг горæт Хэйхэйы. Культурон форумы архайдта Гæздæнты Булаты номыл адæмон инструментты оркестр.
















