Фæзминаг хъæппæрис æвдисынц Кировы районы æвзарæн къамисы уæнгтæ. Сфæнд кодтой, сæрмагонд хæстон операцийы Ирыстонæй цы фæсивæд ис, уыдонæн гæнæн æмæ амалæй æххуыс кæнын. Куыд æгъдауæй, уый тыххæй нын радзырдтой сæхæдæг. Уыдысты нæ студийы уазджытæ. Афтæ ма нæм æрбацыд ног чиныджы автор дæр. Фæндыд нæ базонын, цæуыл æмæ кæуыл фыссы, цы йæ зæгъын фæнды адæмæн, уый. Йæ хъуыдытæ нæ басусæг кодта æмæ уын сæ хæссæм уæ размæ. 2-æм августы та Ирыстоны бæрæг кæндзысты Задæлескы Нанайы бон. Къорд рæстæджы размæ бæрæгбон сси æппæтадæмон. Уымæ гæсгæ Дыгургоммæ сæмбæлдзысты, Нанайы номæн кад чи кæны, уыдон иууылдæр. Кады аккаг та у. 13-æм æнусы алайнаг адæмæн сæ мыггаг фесæфынæввонг уыд. Æмæ ацы хъæбатыр сылгоймаг куы нæ уыдаид, уæд нæ рагфыдæлтæн фæдонтæ дæр нал баззадаид. Æппæт уыдæттыл ныхас цыд нæ равдысты.













