preloader
сейчас в эфире
04:16
БÆРНОН НЫХАС 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
04:30
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
05:00
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
БÆРНОН НЫХАС 12+
close

Æрæфы район

Выпуск от: 02.08.2018

Абон фыццаг хатт хæлд æрцыди программæ «Комæй-коммæ»-йы эфир. Ацы телепроекты мах фæдзурæм Цæгат Ирыстоны бæлвырд хъæуты æмæ районты риссаг фарстатыл. Ацы хатт не студимæ фæхуыдтам Лескены æмæ Толдзгуны администрациты сæргълæуджыты. Кæд развæлгъау семæ баныхас кодтам, комкоммæ эфиры сæ архайын кæй хъæудзæн, уæддæр нæм æрбацæуыныл нал сразы сты. Не ‘рбарвыстой сæ хæдивджыты дæр. Разыйы дзуапп нæ райстам Æрæфы районы сæргълæууæг Хамикъоты Барисæй. Эфирмæ йæхæдæг не ссыди, нæ нæм рарвыста йæ кусджыты дæр.

Программæйы амонæг Гуыбаты Людмилæйæн æндæр гæнæн нал уыди, æмæ ныхас кæнын райдыдта афтид бандæттимæ. Æмæ нæ уацхæсджытæ цы æрмæджытæ бацæттæ кодтой, уыдонæн бæрнон адæймæгтæ комментаритæ афтæ дæр нæ радтой. 60 минуты бæсты программæ цыди 29 минуты.

Фæлæ нæм ис æхсызгон хабæрттæ дæр. Нæ программæйы рацыди, дзырддаг комкоммæ эфиры фæдыл конд сæрмагонд сюжет. Фарныхъæуы сæргълæууæг Галуаты Зауыр адæмæн бацархайдта бамбарын кæнын, «сыгъдæгдзинады» тыххæй йæ ныхæсты цы хъуыды сæвæрдта, уый. Уымæй размæ йæ ныхæстæ фæхъыг сты Фарныхъæуы цæрджытæн. Бафаудта йæ республикæйы æхсæнад дæр. «Дæргъæвсаг чызджыты» кой адæмыл апарахат. Галуаты Зауыр хатыр ракуырдта, йæ хъуыдытæ раст кæй нæ загъта, уый тыххæй. Хатыр ракурынæн дæр лæгдзинад хъæуы. Уыйхыгъд цæмæй комкоммæ эфиры сæ цæрджыты фарстытæн дзуаппытæ радтой, ахæм лæгдзинад нæ разынд Æрæфы районы бæрнон адæймæгтæм.

Выпуски
Темы
Рекомендуем
Артур Таймазов I По большому счету
24.08.2026
Дебаты. Выборы депутатов Государственной Думы 2026
24.08.2026
24.08.2026 I Доброе утро, Осетия!
24.08.2026
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин… I Гæздæнты Булат
23.08.2026
В итоге: 23.08.2026
23.08.2026
Агурӕг I 22.08.2026
22.08.2026
Аккорды мыслей I Земфира Цахилова
22.08.2026
Зæххыты уавæр, Къостайы хæдзар-музейы цалцæг æмæ спортсмен-экстремал I Йæ рæстæгыл
21.08.2026
Здоровая красота I Доброе утро, Осетия!
21.08.2026
20.08.2026 I Кадры
20.08.2026
20.08.2026 I Тактика
20.08.2026
Студенческие спортивные клубы, цветение амброзии и актуальные новости недели I Самое время
20.08.2026
20.08.2026 I Ирон чат
20.08.2026
Æппæтдунеон нартхоры бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
20.08.2026
Георгий Гогичаев I Истории из жизни
19.08.2026
Все рекомендуемое