Ирыстоны Баллаты Владимиры сфæлдыстад чи нæ зоны, ахæм адæймаг зын ссарæн у.
«Нæхи Валодя» — афтæ-иу фыр буцæй хуыдтой сæ уарзон артист æмæ зарæггæнæджы. Цыты уазæг уыд нæ алкæйы хæдзары дæр. Йæ фæлмæн зардæй адæмы буц кодта.
Хиуарзондзинады хъузджы никуы бацыд Баллайы-фырт, суанг хъуыстгонд артист куы сси, уæд дæр.
















