Лæджы хуызæн лæг йæ райгуырды бонæй йæ адзалы бонмæ адæмы `хсæн амайы йæ номы мæсыг. Адæмæн та мин цæсты ис æмæ алцыдæр уынынц, алцыдæр зонынц.
Уымæ гæсгæ. Æвæццæгæн, ирон актертæй бирæты барстой дунейы сценæйы тæккæ номдзыддæр артисттимæ. Уыдонæй иу уыд Суанты Симоны фырт Хъазыбег.
















