Æнцойбоны хуыздӕр райдиан – бинонтӕ аходӕны рӕстӕг иумӕ куы ӕрбамбырд вӕййынц, афтӕмӕй экраны иу ӕрдыгӕй – нӕ уазӕгуарзон фысым йӕ бинонтимӕ, иннӕрдыгӕй – нӕ телевизормӕкӕсджытӕ, уыдон дӕр сӕ бинонты ӕхсӕн.
Равдысты амонӕг Секъинаты Альбинӕ ацы фӕлладуадзӕнбоны райсом фембӕлыд Чочиты Батразы уазӕгуарзон бинонтимӕ. Кафаг, зараг, хъӕлдзӕг ӕмӕ цардуарзаг лӕппу Чочиты Батразӕн йӕ курдиат сӕрттывта ивгъуыд ӕнусы 90-м азты. Йӕ зарджытӕ ӕмӕ йӕ фӕндыры цагъд абон дӕр удӕнцой хӕссӕг сты адӕмӕн.
Уымӕй уӕлдай ма Батраз у ӕрмдӕсны, аразы фӕндыртӕ.
















