Национ телеуынынад «Осетия Ирыстон»-ы эфиры — нӕ радон равдыст «Дзӕнгӕрӕг». Ацы равдысты тынг ӕхсызгонӕй сӕмбӕлынц нӕ аивадуарзджытӕ Ирыстоны курдиатджын ӕмӕ уарзон адӕймӕгтимӕ ӕмӕ сӕ бинонтимӕ.
Ацы фӕлладуадзӕн боны райсом нӕ суазӕг кодта нӕ республикӕйы сгуыхт артисткӕ Зӕнджиаты-Дзтиаты Ритӕ. Хъыгагӕн, йӕ цардӕмбал, РЦИ-Аланийы адӕмон артист Дзтиаты Лактемыр цалдӕр азы размӕ цӕрынхъуагӕй ацыд йе цӕг дунемӕ. Фӕлӕ, зӕгъынц, уд мӕлгӕ нӕ кӕны. Лактемыр ӕмӕ Ритӕйы чызджытӕ Фатимӕ ӕмӕ Алинӕ, уыдоны цот ӕрбамбырд ысты ӕмӕ тынг хъӕлдзӕгӕй иумӕ нӕ рӕстӕг арвыстам.
















