Аивад тыхджын у. Йæ фæрцы цыфæнды зæрдæмæ дæр ис ссарын фæндаг. Хуымæтæг бонæй бæрæгбон саразын. Афтæ ацæргæ адæмы хæдзар «Узæлды» кусджытæ æмæ цæрджытæ сæхæдæг сæхицæн уыдысты театрдзаутæ дæр æмæ артисттæ дæр! Уæдæ цавæр театр-студи байгом кодтой? Æмæ дзы цавæр спектакль сæвæрдтой? Ацы фарстытæн дзуаппытæ ратдзысты нæ уазджытæ. Ацæргæ адæмы хæдзар «Узæлд»-ы психолог Хъæстуаты Земфирæ æмæ театр-студи «Вдохновение»-йы разамонæг, спектаклы режиссер Пагæты Фатимæ.
Нæ телеканалы дарддæр цæуынц Къостайы юбилеймæ кадгæнæн мадзæлттæ. Æмæ та изæр сæрмагондæй дзурдзыстæм Ирыстоны уарзондæр хъæбулыл. Йæ райгуырæн бон сбæрæг кæнынмæ йын сæхи цæттæ кæнынц ахуыргæнæдæттæ æмæ культурон куыстуæттæ дæр. Цы бацæттæ кæндзысты нæ республикæйы цæрджытæн æмæ йæ уазджытæн Къостайы мемориалон музейы кусджытæ? Уый тыххæй аныхас кæндзыстæн Музейы сæргълæууæг Габеты Лаурæимæ.
Ирыстоны райдыдта кæхцытæ кæныны рæстæг! Алкæмæн йæ хъæбул-хуры тын. Бинонты фидауц, бинонты цард рæсугъдгæнæг. Хуыцау бинонты кæстæры кæмæн балæвар кодта, уыдон архайынц сæ гыццыл амондæн 3 кæрдзыны скувын. Бирæ нырыккон мадзæлттæй пайдагæнгæйæ адæм нал фæзонынц, кæнæ та арæх айрох кæнынц цавæрдæр вазыгджын хабæрттæ. Уæдæ кæхцы æгъдæуттыл бæстон æрныхас кæндзыстæм Рахизфарсы районы стыр ныхасы комитеты уæнг Кцойты Гермæнимæ.