Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы рауагътой, æнæтæхæг тæхæн аппараттимæ чи кусдзæн, ахæм ахуырдзауты фыццаг фæлтæр. Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæсивæды зонындзинæдтæ æхсызгонæй хъæудзысты адæмон хæдзарады алы къабæзты. Уый тыххæй бæлвырддæр аныхас кодтам колледжы разамынды минæваримæ.
Æрымысыдыстæм ма зындгонд радиожурналист, «Сызгъæрин микрофон»-ы премийы лауреат, фæллойы ветеран Хестанты Победæйы ном. Бон раздæр не `хсæнæй фæхъуыд уæззау низы фæстæ. Йæ цард æмæ йæ фæллæйтты тыххæй нын радзырдтой, дæсгай азты йемæ чи куыста æмæ йын æнгом бинонты ад чи кодта, уыдон.
Сæмбæлдыстæм ма Бельгийæ уазæгыл дæр. «Уазæг», зæгъгæ, йæ æххæстæй схонæн нæй, уымæн æмæ Ирыстонæй рацæугæ у. Æмæ йæ фыдыуæзæгмæ куы `рбафты, уæд ын хуымæтæджы балц нæ вæййы. Ацы хатт йе ссыды нысан цы у, уый нын комкоммæ эфиры радзырдта.
















