Дур дæр кæй коммæ кæсы, ахæм адæймаг. Бирæ азты дуртимæ комкоммæ ныхас кæны. Диссаг та уый у æмæ йын уыдон дæр сæхи раргом кæнынц. Афтæмæй, кæрæдзийы æмбаргæйæ, райгуырынц аив æмæ рæсугъд скульптурæтæ.
Дурты æгомыг æвзаг чи æмбары, уыдонæй иу у мæ абоны уазæг. Нæ республикæйы йæ чи нæ зоны, ахæм адæймаг, æвæццæгæн, стæм разындзæн. Бирæ рæсугъд скульптурæтæ сфæлдыста. Бирæты дзы йæ уд бауагъта.
Дурты æвзаг æз не мбарын. Афтæмæй та мын цас æмæ цас цымыдисаг хабæрттæ ракæниккой мæ уазæджы тыххæй.
Фæлæ зындгонд скульптор æргом адæймаг у æмæ мæм куыд кæсы, афтæмæй нын абон йæ зæрдæйы цы ис, уый нæ басусæг кæндзæн. Зæрдиагæй та æнхъæлмæ кæсын Дзбойты Михалмæ.