Къостай игуран бонмæ, Иристони алли къумти дæр конд æрцæуй алли хузи мадзалтта. Æраги дæр бабæй, Дзæуагигъæуи администраций ахуради управлени, скъолай ахурдзаутæн искодта литературон конкурс «Къостай фæдонтæ». Конкурси фæрци ма ахурдзаутæ еу хатт æргъуди кодтонцæ ирд финсгути, кæчитæ ниууахдонцæ арф фæд ирон аевадæ ама литератури.
















