Æрæджы уæрæсейаг литературæйы уавæр æмæ хъысмæтыл ныхас кодтой Мæскуыйы 17-æм æнæрадон фысджыты съезды. 86 регионæй дзы æрæмбырд сты литератортæ, сфæлдыстадон организациты минæвæрттæ, публицисттæ. Ацыдысты йæм нæ республикæйы минæвæрттæ дæр. Цавæр хъуыдытимæ сыздæхтысты æмæ куыд фæзындзысты съезды хатдзæгтæ Ирыстоны фысджытæ æмæ чиныгкæсджытыл? Ууыл ныхас кæнæм «Йæ рæстæгыл».
Æрæджы ма базонгæ стæм, чи зоны, æмæ фидæны Калашников кæмæй рауайдзæн, ахæм лæппуимæ. Цæры Æрыдоны районы Къостайыхъæуы. Цæуы бынæттон скъоламæ. Йæ наукон разамонæг та йæ хоны суинаг конструктор. Бæлвырддæр хабæрттæ — нæ программæйы.
Сылгоймаг царды райдайæн у. Бæсты фидауц æмæ фарн хъахъхъæнæг. Йæ ахсджиагдæр нысантæй иу — цот схæссын. Æмæ йæ рæстæгыл нæ студимæ фæхуыдтам аст сывæллоны мады.
















