Нæ ныхасы сæр сты æрдзон фыдбылызтæ æмæ сæ ныхмæ арæзт мадзæлттæ. Йæ хъуыдытæ нын загъта УФ-йы сгуыхт эколог Æлборты Иван. Фендзыстут Зилгæйы зетиуадзæн цехы куыст дæр. Хъæууон хæдзарады райрæзтыл ма дзырдтой Калининграды, уыдис дзы «Æппæтуæрæсеон быдыры бон», зæгъгæ. Уыдысты дзы Цæгат Ирыстоны делегацийы минæвæрттæ дæр. Сæ зæрдыл цы бадардтой, уый тыххæй та нын радзырдта Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон центры регионалон хайады разамонæг Тотраты Олег.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- ХæдзарАдон
- Выпуск от 03.06.2022
Хъӕууон хӕдзарады кусӕгӕн — ӕххуыс
03.06.2022 22:00
ХæдзарАдон
Выпуск от 03.06.2022
Ацы хатт нæ программӕйы дзурӕм, хъæууон хæдзарады чи кусы, уыдонæн æххуысы тыххӕй. Паддзахад цы финансон программæтæ сфидар кодта, уыдон сты 20-ы бæрц. Нæ республикæйы фермертæн дæр ахӕм ӕххуыс ракодтой. Сæрмагонд къамис сбæрæг кодта, кæмæн æмбæлы, уый. Цы хуызы æмæ куыд фӕкастысты адӕммӕ, уый тыххæй нын радзырдта хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игорь.
Другие выпуски
