11 июлы Тымбыл Хъæды уыдзæн ирон адæмы иумæйаг куывд – Хетæджы бон. Ацы бæрæгбон кадджын уымæн у, æмæ Ирыстоны адæмы йæ фарнæй бæтты. Иумæ йæм кувынц æмæ æмдзыхæй йæ ном арынц. Цæмæй хицæн кæны ацы бæрæгбон, уый тыххæй аныхас кæндзыстæм нæ студийы уазæгимæ.
Нæ иннæ уазæг, куырыхон хистæр, лæмбынæг бакуыста йæ мыгкаджы истори базоныныл. Цымæ нын цавæр цымыдисаг хабæрттæ радзурдзæн?
















