Туаты Мӕдинӕйы йæ чысылӕй фӕстӕмӕ хуыйӕг уӕвын фӕндыд. Судзин æмæ йæм æндахимæ архайынæй хуыздæр ницы каст.
Уымæ йæ сразæнгард кодта йæ нана. Уæдæй абонмæ хуыйыныл йæ зæрдæ нал сивта. Базыдта ацы æрмдæсныйады бирӕ сусæгдзинæдтæ.