Дзæуджыхъæу æмæ Къобы `хсæн 54 километры йеддæмæ нæй. Фæлæ уырдыгæй рацæугæ чи у, уыдонæн сæ бон уырдæм бацæуын нал у. Хъуыддаг нæм ахсджиаг фæкаст æмæ дзы бафарстам нæ студийы уазæджы, РЦИ-Аланийы адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын Цгъойты Тамерланы. Нæ равдысты дыккаг хайы бæрæг кодтам культурæйы бон.
Фæбæрæг æй кæнынц 25-æм мартъийы. Уыдис нæм, йæхи курдиат æмæ аивадæй адæмы зæрдæтæ чи рухс кæны, ахæм уазджытæ.