15-æм майы фæбæрæг кæнæм Ирон æвзаг æмæ лиетратурæйы бон. Баст у, Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» мыхуыры куы рацыд, уыимæ. Уыцы зынгæ хъуыддаг æрцыд 1899 азы.
Нæ мадæлон æвзаг у хæзнаты хæзна. Уый нæ æргом байзæддæгтæ кæны нæ рагфыдæлтæн, у нæ фарны `гъдæутты бындур, нæ ивгъуыд æмæ фидæнæн се `хсæн цы хид ис, уый. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Ирон ныхас дунейы макуы байсысæд!
















