Картофы быдыртæ цæмæн фæкъаддæр сты?
Дзулы фæстæ картоф дæр нымайынц фынджы бæркадыл. Афтæмæй та фæстаг рæстæг ацы культурмæ хæдзарæдтæ се `ргом фаг не здахынц. Специалисттæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ дзы бирæ къухвæллой ис.
Стæй хатгай картоф æрзайын кæныны хæрдзтæ йæ аргъæй фæфылдæр вæййынц. Фæлæ канд уый тыххæй нæ фæкъаддæр сты халсары хуымзæххытæ. Хицæн хъуыды ма ис ахуыргæндтæм.
















