Алы ныййарæг дæр архайы йæ сывæллоны раст фæндагыл сæвæрын. Уый та аразгæ вæййы, кæстæр цы дæсныйад равзары, уымæй дæр. Елхоты бирæфадатджын колледж азæй азмæ цæттæ кæны алыхуызон специалистты. Ахуыргæнæндоны кусджыты æнтыстдзинад дызæрдыггаг нæу. Студенттæн аразынц ног æмæ ног фадæттæ. Хæрзæрæджы колледджы фæзындысты фæллойадон къордтæ. Бæлвырддæр нын уыцы куысты тыххæй радзурдзæн нæ уазæг, Елхоты бирæфадатджын колледжы директоры хæдивæг Бигъаты Жаннæ.
Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы разамонæгæй нысангонд æрцыди Касаты Аслæнбег. Абон у не студийы уазæг.