Боныхъæд ирыстойнæгты цардыл куыд ахады æмæ районты администрацитæ тæвд рæстæгмæ сæхи куыд цæттæ кæнынц? Зæгъæм, Кировы районы аразынц ног доны хæтæлтæ, Рассветыхъæуы цæрджытæ та разы не сты ног донцъирæнæй.
22-æм июнь Уæрæсейы у мысæн бон. 82 азы размæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Ирыстоны районтæй дзы æппæтæй фылдæр йæ хъæбултæй чи фесæфта æмæ ма абоны онг цавæр хæстон цауты тыххæй нæ зонæм?
















