Ногæй та эфиры нæ программæ «Комæй-коммæ». Нæ проекты сæйрагдæр нысан у хъæуккаг адæймаджы цард равдисын: адæмы цы тыхсын кæны, æмæ разы цæмæй не сты? Уæвгæ, канд æппæрццæг хъуыддæгтыл не рныхас кæнæм, фæлæ ма районты хорзæй цы æрцыди, æмæ къухы цы æнтыстытæ бафтыд, ууыл дæр.
Æмæ абон дзурдзыстæм Кировы районы Елхотыл, Хъахъхъæдурыл æмæ Даскъофыл. А изæр не студимæ фæхуыдтам Елхоты администрацийы сæргълæууæг Гуытъиаты Эльбрусы æмæ Даргъ-Къохы администрацийы сæргълæууæг Дыгурты Зелимы.