Хистæр кары адæммæ ис ахæм цавæрдæр миниуæг, æмæ йæ иу ахуыргæнæн чиныджы дæр не ссардзынæ, нæ йæ балхæндзынæ цыфæнды æхцайæ дæр. Уый у царды фæлтæрддзинад. Хистӕр кары адӕм зонынц хуымæтæг хъуыддæгтæй æхцондзинад исын: хъарм хурбон, хъæбулы бахудт, хæрзад сихор. Уыдон зонынц хатыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарынц, цард ӕгӕр цыбыр у мастӕн.
Ахӕм кадджын хистӕр у нӕ радон равдысты хъайтар, 98-аздзыд Кудзаты Уырысхан дӕр.
















