Хӕларзӕрдӕ, ӕнӕхийнӕ ӕма уӕздан адӕймаг ӕй нӕ равдисти хъайтар, куд ахургонд уотӕ ба лӕги деси ӕфтауй ӕ гъудий логикӕ ӕма ӕ арф нӕукон эрудици.
Лингвист, мифолог, фольклорист, этнограф, филологон наукити доктор, Абайти Васой номбӕл Цӕгат Иристони гуманитарон ӕма социалон ӕртасӕн институти хестӕр нӕукон косӕг Тахъазти Федар, ӕ ном дӕр ӕ уӕле, федар ӕй царди дӕр ӕма зонадон кусти дӕр.
Нӕукон куст ӕнӕзӕрдихудтӕй кӕнун ӕма зин фӕрститӕн дзуӕппитӕ агорун – йе ӕй Федарӕн ӕ нисан, бӕлвурд ӕй, нӕуки дуйнемӕ дуар уой туххӕй байгом кодта — ӕ арфдӕр рауӕнти лӕгӕрдунмӕ.
















