Республикæйы цалдæр азы кусы Паддзахадон юридикон бюро. Йæ хæстæ сты, социалон æгъдауæй фæкæсын кæмæ хъæуы, уыцы адæмæн барадон æххуыс кæнын. Æнæмæнг, лæвар. Фæлæ нæм ахæм кусæндон ис, уый бирæтæ зонгæ дæр нæ кæнынц. Уымæ гæсгæ сæ разамынды минæвæрттæ уыдысты нæ студийы уазджытæ. «Йæ рæстæгыл» нын радзырдтой, ныронг сæ къухы цы бафтыд æмæ дарддæр цæуыл кусдзысты, уый тыххæй.
21-æм ноябры телеуынынады кусджытæ фæбæрæг кæнынц сæ профессионалон бон. 20-æм æнусы чи равзæрд, аивады уыцы хуыз абон дæр ма фидар бынат ахсы æхсæнады. Телеуынынад у хабархæссæг, ирхæфсæг, зондыл æфтауæг, æнæниздзинадыл аудæг æмæ бирæ æндæр хъуыддæгты фæрæз. Кæй зæгъын æй хъæуы, раст дзы куы пайда кæнай, уæд. Нæхицæн æй бæрæгбоныл нымайæм мах дæр, Национ телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы кусджытæ. Нæ студийы уазджытæ дæр уыдысты нæхи къордæй.
















