Дууа боней размæ YouTube фæзинттæй ахургæнæн мультфильм «Уæрдон тулы». Ирон мультфильм цауй æхсæз минутти æма æрдæг. Иристони ауæхæн хузи æй фиццаг. Ка æй æргъуди кодта, уони зæрди ма федæни ес дæс æма инсæй цубур кеной бацаттæ кæнун сувалланттан. Ачи изæр нæ студимæ æрбахудтан мультфильми аргъуди канæг æма продюсери Сæлбити Алани.