Чи зоны, æз ахæм фендджын нæ дæн, фæлæ стæм хатт сæмбæлын 20 аздзыд тренертыл. Нæ абоны уазæг та уыцы куыст ахæм кары кæнын райдыдта. Тренеры куыст, æвæццæгæн, æгæрон цæстуарзондзинад у. Афтæ у æви нæ, уый нын а-изæр радзурдзæн чемпионты хъомылгæнæг – Сланты Виталий.
Сывæллæтты ног æнтыстдзинæдтæм сразæнгард кæнынæн цавæр ныхæстæ ссары? Цавæр куырдадзы фидар кæны æрыгон спортсменты? Уый мæ тынг базонын фæнды… Цымæ нæ Сланты Виталий исты басусæг кæндзæн?