20-æм æмæ 21-æм æнустæ алыхуызон эксперименттæм тынг хъæздыг разындысты. Уыимæ ма сæ интернет æмæ социалон хызты фенæн ис парахатæй. Цыфæнды экспериментæн дæр йæ нысан у, адæймаг йæхи алы уавæрты куыд дардзæн, уый раиртасын. Кæддæриддæр дзы вæййы, чи сæ аразы, стæй цымыдисаг кæмæн сты, ахæмтæ. Уæдæ уыцы фæлварæнтæй кæцытæ сты пайдахæссæг, кæцытæ зианхæссæг? Æппæт социалон эксперименттæ хъæуы адæмы рæгъмæ хæссын æмæ кæцытæй хъæуы фервæзын? Æппæт уыдæттыл дзурæм нæ студийы уазджытимæ.
Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас» аразын райдыдта лекцитæ «Æгъдау. Бындур æмæ нысантæ». Ацыд уал фыццаг ахæм фембæлд. Проекты мидис æмæ фидæныл дзурæм «Йæ рæстæгыл».













