Тайсауты Оледжы республикæйы зонынц иууылдæр. Адæмы зæрдæтæм фæндаг хæрз æрыгонæй ссардта. Уæвгæ, æвæццæгæн, адæймаджы куы фæнда иннæтæн æхсызгондзинад хæссын, равзæрст фæндагыл рæсугъд къахдзæфтæ кæнын, уæд йæхиуыл уæлдай тынгдæр кусдзæн. Йæ размæ уæлдай хæстæ æвæрдзæн.
Ахæм хъуыдыйыл хæст у мæ абоны уазæг — Тайсауты Олег дæр. Йе сфæлдыстад ын куыд нæ зонæм. Фæлæ уын йæхи искуы раргом кодта, арæх уын уыд фадат йемæ комкоммæ æмæ зæрдиагæй аныхас кæнынæн. Абон нын ахæм фадат ис æмæ æнхъæлдæн æрбацыд мæ уазæг.