Адæймаджы нæ алчидæр алыхуызонæй бахъуыды кæны. Цæмæй нæ сæ сурæт ма рох кæна, уымæн дæр ис алыхуызон гæнæнтæ. Хуызистытæ, нывтæ. Фæлæ ма ис иу, се ппæты дæр дисы чи æфтауы, ахæм. Портретон куклатæ. Раст зæгъгæйæ сыл цал хатты сæмбæлын, уал хатты мæ дисæн кæрон нæ вæййы. Куыд ис æрмæджыты уд бауадзæн?
Цавæр зæрдæйы хицау хъуамæ уай, цæмæй дæ конд кукла суа уарзон æмæ удæнцой хæсса. Цæмæй иунæг бакастæй æрхъуыды кæнай дæ хиуæтты æмæ уарзон адæмы.
Æмæ та цæуыл ахъуыды кодтон. Цымæ ахæм куклатæ чи кæны, уый йæхæдæг цавæр адæймаг у? Цæуыл фæхъуыды кæны? Цы æмæ кæй уарзы. Цæй уæдæ йын йæхи бафæрсдзынæн…Чи у? Сызгъæрин къухты æмæ рæсугъд уды хицау – Таутиаты Азæ.