Дыууæ милуаны æмæ 881 мин сомы райсдзæн социалон-культурон куыстуат «Благодать» нымæт дзаумæттæ аразыны проекты тыххæй, фæйнæ милуан сомы бæрц та ратдзысты хæрзаудæн фонд «Быть добру» æмæ æхсæнадон организаци «Цæболты мæсыг»-æн. Гранттæ райсыныл ерыс кодтой нæ бæстæйы 89 регионы. Проекттæ уыдысты фараст минæй фылдæр, æмæ дзы æртæ не `мзæххонтæ кæй рамбылдтой, уый, мах хъуыдымæ гæсгæ, æвзæр бæрæггæнæн нæу. Йæ рæстæгыл уæлахиздзауты фæхуыдтам нæ студимæ.
Паддзахадон Думæйы депутаттæ сæ фæндон бахастой Уæрæсейы фæллойы æмæ социалон фæдзæхстады министрадмæ, цæмæй, 18 азы кæуыл нæма сæххæст, уыцы сывæллæттæн бар уа сæ ном ивынæн. Уыцы хъæппæрис баст у, æнахуыр нæмтты хицæутты се `мгæрттæ мæстæй кæй фæмарынц, уыимæ. Цас раст у ног хъæппæрис, æмæ Цæгат Ирыстоны æрыгæттæ цас хъыгдард æййафынц иннæ сывæллæттæй? Ууыл ныхас кæнæм нæ уазджытимæ.














