Гæрæмттæ исын æппæтæй хуыздæр кæмæ кæсы, æмæ сын цы ног хос ссардтой, уымæй райдайдзыстæм нæ абоны программæ. Гæртæмттæ исыны хъуыддаг дунейы стырдæр бæллæх кæй у, уый зындгонд хъуыддаг у. Кæд ын сыскъуынæн нæй, уæддæр ис коррупциимæ баст цаутæ фæкъаддæр кæнæн. Æрмæст уыцы ахадгæ мадзæлттæ цавæр сты?
Дзырдæн зæгъæм, Уæрæсейы президент рахаста уынаффæ. 2018-æм азæй фæстæмæ сæрмагонд реестры интернеты мыхуыр кæндзысты гæртмаисæг бæрнон адæймæгты мыггæгтæ. Фысдзысты дзы, сæ цæсгом цæй тыххæй фесæфтой, æмæ сыл æууæнк цæй тыххæй нал ис, уыцы хабæрттæ. Æмæ худинаггæнджыты зондзæн æппæт Уæрæсе дæр.
Уæдæ ног закъоны ахадындзинадыл æмæ гæртæмттæ исныл абон æрныхас кæндзыстæм нæ уазæгимæ — Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы цур коррупциййы ныхма архайды управленийы разамонæг Цгъойты Тамерланимæ.