Абон Ирыстоны фæстаг фæндараст загътой Уæрæсейы Хъайтар Тыбылаты Маратæн. Йе `нусон бынат Иры номдзыд хъæбул ссардта Намысы Аллейæйы. Фæхъыг ыл кодтой мингай адæймæгтæ. Нæ телекомпани йæ хæсыл банымадта Тыбылаты Мараты, хорз æй чи зыдта, уыцы уазæгимæ æрхъуыды кæнын.
Æнæзæгъгæ нын нæ уыд поэт Къадзаты Станиславы юбилейы тыххæй дæр. Нæ ныхасы рæстæг ма æрхъуыды кодтам Агънаты Гæстæны ног чиныг. Фыссæг дзы равдыста, йæ удыл чи æндзæвы, ахæм хабæрттæ. Программæйы кæрон та нæ дзырды сæр уыдысты сывæллоны æнкъарæнтæ фæлварæнты рæстæг. Цæмæн сæ фæтæрсы æмæ уымæн цы бакæнæн ис? Бафарстам дзы нæ уазæджы.