Зындгонд артист Уататы Бибойы райгуырдыл æххæст кæны 85 азы. Нæ студимæ фæхуыдтам артисты хиуæттæ æмæ æмкусджыты. Æрæмысыдыстæм ын йæ царды æмæ сфæлдыстады фæндæгтæ.
Аивадмæ æмхиц у нæ программæйы иннæ архайæг, Дзæуджыхъæуы 45-æм гимназы хæрæндоны кусæг дæр. Уый сывæллæттæн канд хъæрмхуыппытæ нæ фыцы, фæлæ ма сын балалайкæйæ дæр фæцæгъды.
11-æм мартъийы чырыстæттæн райдзæн стыр комбæттæн. Йæ нысаны æмæ æгъдæутты тыххæй «Йæ рæстæгыл» аныхас кодтам сауджын Хъуысаты Игоримæ