Цымæ рæстæгæн бауромæн ис? Зын фарст у… Фæлæ цыма хуызистытæ ӕмӕ нывты афӕстиат вӕййы, цыма ивгъуыдмæ абалц кӕнӕм, хатгай афтæ фæкæсы адӕймагмӕ. Цæстытыл ногӕй ауайынц зæрдæйæн зынаргъ цаутӕ… Уӕдӕ уыцы къамтæ æмæ нывтæ чи скæны, уыдон та сæхæдæг цæуыл ахъуыды кæнынц? Сæ зæрдыл цавæр хабӕрттӕ ‘рбалæууынц? Сæ нывты сæхи цард зыны? Уымæй бафӕрсдзыстӕм нӕ уазæджы. Саккаг нӕм кодта Мæргъиты Таймураз.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Цы сусæг кæныс
- Выпуск от 27.10.2018
Уртаты Эльбрус
27.10.2018 20:30
Цы сусæг кæныс
Выпуск от 27.10.2018
Уртаты Эльбрусимæ æз цалдæр азы размæ базонгæ дæн.
Зындгон каскадер ссыд йæ фыдыуæзæгмæ, Ирыстонмæ. Æз та журналист уæвгæйæ, хъуыд нæ хъуамæ фембæлдаин йемæ.
Фыццаг бакастæй дæр алкæй зæрдæ балхæдта. Æз та радон хатт бадис кодтон — дунейы хъуыстгонд адæймаг, йæ дæсныйады хуыздæрыл нымад чи у æмæ бирæтæн фæзминаг чи сси, уыцы артист йæхи тынг хуымæтæг дары, ууыл.
Азтæ рацыдысты, фæлæ, Эльбрус, раздæрау, у хæдæфсарм æмæ адæмуарзон. Йæ хуыздæр миниуджытыл æрмæстдæр бафтыд. Йæ профессионалон дæсныйад та дзæвгар фæбæрзонддæр.
Другие выпуски
