Фыццаджы дæр тæвд къофи. Æз дæр хауын, йæ райсом къофийæ чи райдайы, уыдонмæ. Уый мын мæ хуыссæг фæсуры. Къофийыл афтæ сæнувыд стæм, æмæ ма йæ уынгты дæр уæй кæнын райдыдтой. Бон дзы цалдæр хатты дæр бануазæм.
Ног аз æрбахæццæ кæны. Нæ горæт тагъд фестдзæн аргъауы хуызæн. Ирыстоны армдæснытæ сæхи цæттæ кæнынц равдыстытæм æмæ бæрæгбоны армукъатæм. Хиконд дзаумæттæ чи аразы, уыдон сæхи цæттæ кæнынц адæмæн сæ фæллæйттæ равдисынмæ. Абон нæ студийы уазæг у армукъа аразæг Гусаты Олег.
















