Абонæй фæстæмæ йæ тыхы бацыд райдиан кълæсты ахуырдзаутæн тæвд хæринаг лæвар дæттыны закъон. Скъоладзаутæн хъуамæ хæрын кæной æппынкъаддæр бон иу-хатт. Менюмæ бахастой сывæллæтты кармæ гæсгæ хъæугæ хæринæгтæ.
Æртæ азмæ хъуыддагæн рахай кодтой 21 млрд сомы. Ахуырдзаутæн лæварæй тæвд хæринаг хæрын кæныны тыххæй закъон сæххæст кæнынæн Цæгат Ирыстонæн рахай кодтой 161 милуан сомы субсиди, регионалон бюджетæй та хардзгонд æрцæудзæн 12 милуаны. Йæ тыхы ма бацыд кълæсты разамонджытæн фиддонты тыххæй закъон.
Афтæмæй къласы разамонджытæ уæлæмхасæн исдзысты алы мæй 5 мин сомы. Рухстауыны министры ныхæстæм фиддон мыздæй уыдзæн хицæнгонд.















