3 мин барадхъахъхъæнæнæгæй фылдæр архайдзысты Беслæны 1-æм скъолайы амæттæгты мысæн бонты. Сæ цæст дардзысты скъолаты 1-æм сентябры кадджын мадзæлтты æдасдзинадмæ дæр.
Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджытæ райдыдтой уæлдай карздæр радхæссæн куыст кæнын. Республикæйы алы скъоламæ дæр цæуы сæрмагонд цæстдард, барадхъахъæхнджытæ æхсæвæй-бонæй кусынц бынаты. Алфамблæйттæ бæрæг кæнынц, иртасынц рæмудзæн æрмæджытæй ифтонгад. Бахизæнты кæнынц сгарæн куыст.
Уæлдай фылдæр пъæлицæйæгтæ сæ хъус дарынц фæндаггон æдасдзинадмæ. Ахуырадон аз Цæгат Ирыстоны райдайдзæн 4-æм сентябры. Беслæны скъоладзаутæ ахуыр кæнын райдайдзысты 5-æм сентябры. Æппæт мадзæлттæ æххæст кæндзысты Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы амындтытæ хынцгæйæ.















