Коронавирусæй Цæгат Ирыстоны фæмард ноджы 2 адæймаджы. Рынчынты нымæц ацы сахатмæ у 1253. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 93 адæймаджы. Уый тыххæй хъусын кæнынц нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусджытæ.
Рынчынтӕн медицинон æгъдауæй æххуыс кæнынц дохтыртӕ. Уыдон удуæлдайæ архайынц, низимæ тох кæнынц. Лæмбынæг цæстдард цæуы, рынчынтæ хæстæг кæимæ æмбæлыдысты æмæ ныхас кæимæ кодтой, уыдонмæ дӕр. 109 адæймаджы коронавирусæй сдзæбæх сты.
Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц – 1 581 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та у 2 805 адæймаджы.
















