Майы мæй æнæкусгæ бонтæн паддзахад бафиддзæн апрелы куыд уыд, афтæ. Уый тыххæй фехуъусын кодта Фæллойы министрады пресс-службæ.
Æнæкусгæ бонтæ не сты нæдæр улæфæн, нæдæр фæлладуадзæн бонтæ, уымæ гæсгæ мызды бæрц ивд не `рцæудзæн. Уый тыххæй раздæр хъусын кодта профилон министр Антон Котяков. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд адæмы фæллойадон хæстæ нæ фæкъаддæр сты, уæд сæ мыздæй дæр æппарын нæ хъæуы.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 6,7,8 майы, Владимир Путины бадзырдмæ гæсгæ сты æнæкусгæ бонтæ. Хииппæрдзинады фæтк аххæсдзæн 11 маймæ. Фæлæ 1-æй 5-æммæ æмæ 9-æй 11-æм маймæ сты бæрæгбæттæ æмæ уыцы адæмæн сæ мызд хъуамæ фыст цæуа дывæрæй.
















