Уæрæсейы паддзахадон премийы, «Золотая маска» премийы лауреат, автор, сценограф, театр «Арвайдæн»-ы нывгæнæг. Райсом йе`сфæлдыстадон æмбырдгонды презентаци уыдзæн Ходы Виолæйæн.
Мадзалы программæйы архайдзысты зарæггæнджыты паддзахадон къорд «Алани». Йæ аивадон разамонæг æмæ дирежер Кокойты Агуындæ. Равдыст фенæн уыдзæн лæвар. Ходы Виолæ схъомыл сфæлдыстадон бинонты ‘хсæн. Фыд зындгонд скульптор Ходы Николай. Уый бауарзын кодта чызгæн сфæлдыстад. Ходы Виолæ Ирыстоны æмæ дунейы цæрджытæн балæвар кодта национ аивады ног фæзилæн – театр «Арвайдæн».
Йæ равдыстытæн æмбал нæ уыд. Аивадуарзджытæ сын стыр аргъ кодтой. Труппæ йæ сфæлдыстад лæвар кодта Уæрæсейы æмæ фæсарæнты. Суанг ма архайдтой Европæйы егъау фестивалы Эдинбургы. Специалисттæ æрцыдысты иу хъуыдымæ — Ходы Виолæ культурæйы къабазмæ бахаста сытр æвæрæн, аивдта театралон дунейы уынынад.
Йæ цардæй ахицæн 2015 азы.
















