Коронавирусæй Цæгат Ирыстоны фæмард ноджы иу адæймаг. Рынчынты нымæц ацы сахатмæ у 1436. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 94 адæймаджы. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени.
Рынчынтæн медицинон æгъдауæй æххуыс кæнынц дохтыртæ. Лæмбынæг цæстдард цæуы, рынчынтæ хæстæг кæимæ æмбæлыдысты æмæ ныхас кæимæ кодтой, уыдонмæ дæр. 256 адæймаджы коронавирусæй сдзæбæх сты.
Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц – 1 596 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та у 2 913 адæймаджы.
















