На равдысты райдиан киберфыдракæндтимæ тох кæныны ног фæрæзты тыххæй. Æнæзакъон схемæтæ цы адæмы уылты æххæст кæнынц, уыдон ныр картæйæ æхца æнцонæй нал фелвасдзысты. Нысангонд æрцыд сæрмагонд домæнтæ. Уыдонмæ гæсгæ дроппертæ сæхи хыгъдмæ æмæ æндæр адæммæ мæймæ 100 мин сомæй фылдæр нал арвитдзысты. Закъон йæ тыхы бацыд 15-æм майæ. Ногдзинæдтæ хауынц Уæрæсейы банчы хыгъды базæмæ цæстфæлдахæн миты тыххæй чи бахауд, уыдонмæ. Уыцы бæрæггæнæнтæ зонгæ сты барадхъахъхъæнæн оргæнтæн дæр.
Уæрæсейы банчы Цæгат Ирыстоны хайады куыд фæнысан кодтой, афтæмæй домæн парахат кæны юридикон бæрнондзинадимæ адæмы фæрæзты хыгъдыл. Ома, пайдагæнæг сæрмагонд бæрæггæнæнты базæмæ куы бахауа, уæд йæ бон товартæ æлхæнын уыдзæн дуканиты, маркетплейсты, уыимæ хыгъдæй æххæст кæндзæн фиддонтæ.
















