Цалдæр хæдтулгæйы та фæндагæй аивгъуыдтой донмæ, — зæгъы Дзитойты Ибрагим. Къæвдаты рæстæг, тынг дæ куы фæнда, уæддæр ацæуæн нæй Уæллаг Садоны фæндагыл — нæ машинæйыл, нæ фистæгæй. Лæсæнтæ куы рацæуы, уæд та бынтондæр цы фæуой, уый нал фæзонынц адæм. Фæрсхъæуы 15 цæрæджы ис æгасæй, сæ фылдæр ацæргæтæ.
Ацы зындзинæдтæ райдыдтой æртæ азы размæ. Федералон программæ “Сыгъдæг дон”-мæ гæсгæ ардæм ног хæтæлтæ æрбауадзын сфæнд кодтой, тæккæ дæр Уæллаг Садонмæ цæуæг фæндаджы уылты. Йæ дæргъ — километры бæрц. Уæд æй æмбаргæ дæр нæ кодтой цæрджытæ, цы тухитæ сæм æнхъæлмæ кæсы, уый.
Хæдзæрттæм ног хæтæлты уылты дон уайын уæддæр куы райдыдтаид, фæлæ уый дæр нæ. Цæуылнæ, уый адæмæн ничи загъта. Абон дæр сæм дон хæццæ кæнынц ивгъуыд æнусы 50-æм азты конд хæтæлтæ. Арæх атонынц, фæлæ гæнæн нæй — быхсынц. Фæлæ æнæ фæндаг фæразæн нæй. Районы администрацимæ цалдæр хатты фæсидтысты, бæлвырд дзуапп нæ райстой.
Дзитойты Зинаидæйыл цæуы 80 азы. Йæ райгуырдæй абонмæ цæры Уæллаг Садоны. 40 азы фæкуыста Зджыды скъолайы директорæй. Сылгоймаг йæ азтæм коммæ нæ кæсы, цæрдæг у. Йæ хæдзары куыстытæй иу дæр æнæконд никуы ма баззад. Фæлæ фæндæгтæ куы фехæлдысты, уæдæй фæстæмæ дуканимæ бауайынæн дæр стыр хъару хъæуы.
Адæмон фронтыл ма дарынц сæ зæрдæ æрмæст. Активисттæ æппæт уавæртæ бынаты сæхæдæг федтой. Цæрджытæ курынц, цæмæй фæндаг районы администрацийы бæрны бакæной. Асфальт ыл куы нæ байтауой, уæддæр ыл змис кæд ныккаликккой, зæгъгæ.
Ныр цæрджыты ныфс бацыд, сæ фарста лыг кæй æрцæудзæн, уый тыххæй. Уазæлттæ æмæ митыл кæд фæндагимæ сæмбæликкой.
















