Абайты Васо ирон æвзаг бахъахъхъæнынæн цы куыст бакодта, уымæн аргъ нæй. Мæнæ ацы тæрхæджытыл сты номдзыд ахуыргонды фæллæйттæ æмæ фыстæджытæ, кæцытæ æрвыста йæ фæсарæйнаг æмкусджытæн. Ныртæккæ та стыр æххуыс сты æрыгон иртасджытæн, уыдоны фæрцы рæзы сæ фæлтæрддзинад. Абайты Васо райгуырд ирон хохаг хъæу Къобы. Каст фæцис Ленинграды паддзахадон университет, уый фæстæ куыста Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты. Йæ фæллæйтты зынгæ бынат ахсы фондзтомон историон-этимологон дзырдуат, 40 азы дæргъы ирон адæмæн уыд иунæг.
Дзырдуатæй пайда кæнæн ис куыд аивадон литературæйæ, зæгъы Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты зонадон архивы разамонæг Абысалты Раисæ. Фæзынд та Абайты Васойы фæрцы. Бирæ азты размæ ахуыргондæн бауайдзæф кодтой, дыгуронау нæ зоныс, зæгъгæ. Цыбыр рæстæджы фæстæ сдзырдта диалектыл æмæ ныффыста йæ зынгонд фыццаг том. Йæ фæллæйттæн ын стыр аргъ скодтой фыццаг бæстæйы, уый фæстæ та æгас дунейы дæр. Ахуыргæндты æмæхсæнад кæрæдзийы фæнымайынц сæ куыстытæм гæсгæ, Абайты Васойы армæджытæ та сты уникалон. Афтæмæй йæхицæн ном скодта æппæтадæмон æмвæзадыл дæр.
Абайты Васойы фыстæджыты æмбырдгонд апарахат Швейцарийы, Английы, Америкæйы, Францийы æмæ бирæ æндæр бæстæты. Йæ ахсджиагдзинады æвдисæнтæ сты йе ‘мкусджытимæ хæлар ахастдзинæдтæ, се ‘хсæн ын цы кад æмæ ном уыд, уый. Ахуыргонд-иранист иртæста ирон æмæ индоевропейаг æвзæгтæ. Институты цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц йæ фæллæйттæ. Бынаты ссарæн ис цымыдисаг æрмæджытæ æмæ къамтæ дæр.
Абысалты Раисæ «хæзнатыл» узæлы. Йæхæдæг бацæттæ кодта равдыст, фенæн дзы ис ахсджиаг фыстæджытæ, къамтæ æмæ ахуыргонды куыстыты фылдæр хай. Æмæ æцæг бирæ сты. Ногæй ногмæ сæ ныр дæр ма уадзынц. Зæгъæм, æрæджы национ наукон чиныгдоны уыд ахуыргонды лекциты æмæ семинарты рауагъды презентаци. Йæ кадæн бирæ мадзæлттæ арæзт цæуы. Уымæн æмæ Абайты Васо уыд æцæг патриот, Иры фарны лæг. Ныр ын йæ ном фæлтæрæй фæлтæрмæ сæрыстырæй хæссынц.
















