Надеждæ бирӕ азты дӕргъы йӕ райсом райдайы цӕхӕрадоны. Йæ хуымтæ донæй бафсады, кæрчытæм базилы,тыллæг æрæмбырд кӕны. Йæ къай Владимир та йын кӕддӕриддӕр баххуыс кӕны. Ныртӕккӕ срæгъæд мæнæргъы æмæ йæ иумæ ӕмбырд кӕнынц.
Хи хæдзары хæдзары куыст — бирæ. Æнæхъæн бон дæр арвитынц цæхæрадоны Владимир æмæ Надеждæ. Уый фæстæ улæфгæ дæр — иумæ. Бинонты мкъайадыл ацы аз æххæст кæны 50 азы.
Кӕрӕдзи чысылӕй фӕстӕмӕ зонынц. Надеждӕйы бинонтӕ Æрыдонмæ æрбалыгъдысты, 7 азы йыл куы цыд, уӕд. Уӕд суинаг лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзимӕ ӕввахс нӕ цыдысты. Ӕрмӕст цалдӕр азы фӕстӕ схӕлар сты.
Надеждæйæн йæ мад раджы амард, 28-аздзыдӕй. Чызгыл аудыдта Владимиры мад. Йæ фидӕны чындзы схъомыл кодта хи чызджы хуызӕн. Надежда мысы, йе ‘фсин ӕй борщ, вареннӕ ӕмӕ чъиритӕ кӕнын кӕй сахуыр кодта.
50 азы дӕргъы-иу къаймӕ быцӕутӕ дæр куы нæ рауад. Фӕлӕ сӕ къайад нæ фехæлдтой, фидарæй баззад. Зæгъын, кæддæриддæр кæрæдзийæн аргъ кæнын кæ хъæуы. Сæйраг сусӕгдзинад та Владимир æмæ Надеждæ ӕмбарын кӕнынц хуымӕтӕджы: уый уарзондзинад у.
Сæ бинонты хӕзнатӕ алæвæрдтой сæ кæстæртæм дæр. Ныртӕккӕ Надеждӕ ӕмӕ Владимирӕн ис 7 хъӕбулы. Каникулты сæм арæх ӕрцӕуынц. Лӕг ӕмӕ ус тынг фенхъӕлмӕ кӕсынц уыцы фембӕлдтытӕм. Сæхицæн сæ хонынц бӕрӕгбон. Æмæ уыцы цины тыххæй цӕрын дæр ӕмбӕлы.
















