Стыр хæлардзинад, фыццаг ахуыргæнджытæ æмæ царды æппæты æнæмæт рæстæг. Афтæ бахъуыды кæнынц скъола. Толдзгуны иунæг у, ахуырдзаутæ та 20 къаддæр сты. Нæ рæстæджы ахæм чысыл кусæндæтты тыххæй арæх фехъусæн нæй. Сывæллæттæ æмæ дзы ахуыргæнджытæ сты иу стыр бинонты хуызæн. Нæ сфæлдыстадон къорд æй базыдта фидæны ахуырадон аз скъоладаутæм æмæ ахуыргæнджытæм цавæр ивддзинæдтæ æнхъæлмæ кæсынц, уый.
Хæмыцаты Елизаветæ ахуыр кæны 10-æм къласы. Æмткæй йын ис 3 къласаджы. Чызг уарзы йæ ахуыргæнджыты. Уыдон ын систы æцæг разамонджытæ. Иу æмæ дыууæ хатты нæ архайдта алыхуызон конкурсты. Ерысты иу бацахста раззагдæр бынæттæ.
Фидæны Елизаветæ йæхи уыны режиссерæй. Ныр бындуронæй цæттæ кæны уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуынмæ.
Æз дæн сфæлдыстадон адæймаг. Алкæддæр мæ зæрдæмæ цыдысты сфæлдыстадон дæсныйæдтæ æмæ семæ баст хъуыддæгтæ. Уарзын литературæ, мæнмæ гæсгæ скъолайы предметтæй у æппæты цымыдиссагдæр. Мæ зæрдæ дзы райы.
Толдзгуыны хъæуы чысыл скъолайæн бындур сæвæрдтой 1985 азы. Бирæ рæстæг рацыд уæдæй нырмæ, фæлæ æнæивгæ баззад иу хъуыддаг: кæддæриддæр скъолайы уыд хæлардзинад æмæ æнувыддзинад. Ам æдæппæтæй ахуыр кæны 18 скъоладзауы. Зонындзинæдтæ та сын амонынц 16 фæлтæрдджын ахуыргæнæджы.
Нæ скъолайы кусджыты хсæн ис хæлардзинад, сывæлæттæ сты хæрзæгъдау, се хсæн парахат у иудзинад. Тынг уарзынц се скъола. Кæд бæстыхай зæронд у, уæддæр æй хорз бахъахъхъæдтой. Мах зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсæм цалцæггæнæн куыстытæм. Ног уавæрты, æнæмæнг, фæхуыздæр уыдзæн ахуыры хæрзхъæддзинад.
Уал азмæ скъолайы бæстыхай бындурон цалцæггонд никуы æрцыд. Ныр хъæуы баивын йæ сæр æмæ рудзгуытæ. Спортивон залы цар тæдзы, иуæй иу кабинеттæ та сты рухс цух. 2026 азы мартъийы “Ахуырады райрæзты” программайы фæрцы скъолайы уавæртæ бындуронæй фæхуыздæр уыдзысты.
Уымæй уæлдай бындуронæй рацараздзысты Ног Урухы скъола. Специалистты ныхасмæ гæсгæ, цалцæггонд ахуырадон кусæндæттæ скъоладзаутæн сæ дуæрттæ байгом кæндзысты 1-æм сентябры. Хъæуты цæрджытæн уый у стыр циндзинад, уымæн æмæ нырыккон уавæрты ахуыр кæнын æнцон дæр у.
















