Ӕфсӕддон медик хъуамӕ тагъд ирвӕзын кӕна цӕфты. Йӕ бон у иу минутмӕ ӕфсӕддоны тохы бынатæй ракӕнын, туг бауромын ӕмӕ йыл жгут сӕвӕрын. Раззаг рӕнхъыты ахсджиаг у алы секунд дӕр. Адӕймаджы цард тӕссаг уавӕры куы уа, уӕд рӕстӕг сафӕн нӕй.
Дзуццаты Алан бирӕ зын операцитӕ скодта. Раззаг рӕнхъыты кусы фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ — иу æмæ дыууæ тæссаг уавæры нæ федта. Афӕдзы ‘рдӕгмӕ йӕ батальон фервӕзын кодта бирӕ адӕмы. Медиктӕ æппынæдзух кусынц тӕссаг уавӕрты.
Нырыккон хӕстӕн ӕнӕ быдырон дохтыртӕ уӕвӕн нӕй. Фӕлӕ раздӕр ӕфсӕддон хирурги уæвгæ дæр нæ уыд. Салдӕттӕ сӕхӕдӕг дзӕбӕх кодтой се ‘мбӕлтты. Ӕппӕт дӕр аивта Николай Пироговы фӕрцы. Сарӕзта цӕфтæ ‘взарыны системӕ. Ноджы райдыдта гипсӕй пайда кӕнын ӕмӕ фыццаг хатт скодта иумӕйаг наркоз хӕсты уавæрты.
Тимофей Ерёв ӕрӕджы ‘рбаздӕхт хӕцӕнӕй. Минӕйыл срӕмыгъды фӕстӕ уайтагъд дохтыртӕм бахауд. Салдат мысы, ӕвӕстиатӕй кӕй архайдтой, уый. Фынӕй кӕнын ӕй нӕ уагътой, уайтагъд ын йӕ къухты цæфтæ бабастой, йӕ туг ын баурӕдтой ӕмӕ йын рыстсӕттӕг укол скодтой.
Æхсӕвӕй-бонӕй ӕмӕ ӕнӕ улӕфты бонтӕй — кӕддӕриддӕр цӕттӕ цæфты райсынмæ. Ныртӕккӕ госпиталы ис цалдӕр хайады. Уыдонимӕ — хирургийы, нейрохирургийы, психиатрийы ӕмӕ инфекцион. Бынӕттон дохтыртӕ дзӕбӕх кӕнынц цыфӕнды цӕфтӕ ӕмӕ низтӕ дӕр.
Хӕстон медицинон кусджыты фылдӕр сӕ профессионалон бӕрӕгбоныл сӕмбӕлдзысты куысты, хӕстон архайды зонӕйы. Салдӕттӕ — хӕцӕны, сӕ цард та сын хъахъхъӕнынц мингай фӕлтӕрдджын дохтыртӕ.
















